Цхинвайлаг ӕрмхӕцӕг рамбылдта Петербурджы фыццагад ӕмӕ чемпионат

© Фото из личного архива Батрадза Плиева Плиты Батрадз
 Плиты Батрадз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Чемпионат ӕмӕ фыццагад ацыдысты ивгъуыд улӕфт бонты, Хуссарирыстойнаг спортсмен архайдта ӕмрӕстӕджы хистӕр кары спортсменты хсӕн ӕмӕ ӕрыгӕтты хсӕн дӕр

ЦХИНВАЛ, 7 дек - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойнаг спортсмен, Михайловскы ӕфсӕддон артиллерион академийы курсант Плиты Батрадз ссис горӕт Санкт-Петербурджы фыццагад ӕмӕ чемпионаты уӕлахиздзау армспортӕй. Лӕппу ӕмрӕстӕджы тох кодта ӕрыгӕтты хсӕн ӕмӕ хистӕр кары спортсменты хсӕн дӕр.

Федтон мӕ Ир ӕмӕ бакастӕн чиныг: спортсмен ӕмӕ студент карантины тыххӕй  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Федтон мӕ Ир, бакастӕн чиныг: спортсмен ӕмӕ студент карантины тыххӕй 

Армрестлер архайы 85 кг уӕзы, спорты йе 'нтыстыты нымӕцы ис уӕрӕсейаг ӕмӕ европӕйаг ерысты призон бынӕттӕ.

"Коронавирусы пандемийы аххосӕй ерысты архайджыты нымӕц уыд къаддӕр. Ӕрыгӕтты хсӕн уӕлахиздзау суӕвын мӕ къухы бафтыд ӕнцондӕрӕй, хистӕрты хсӕн та уыд тыхджындӕр спортсментӕ, фӕлӕ мын дыууӕ ран дӕр бантыст басӕттын ныхмӕцӕуджыты", - радзырдта Sputnik йӕхӕдӕг спортсмен.

Ерысты хатдзӕгтӕм гӕсгӕ, Плиты Батрадз куыд уӕлахиздзау афтӕ, райста балцӕгтӕ Уӕрӕсейы фыццагад ӕмӕ Уӕрӕсейы чемпионатмӕ дӕр, уыдон та цӕудзысты ӕрбалӕугӕ азы февралы.

Ног хабӕртты лентӕ
0