ЦХИНВАЛ, 10 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны армрестлингы секцийы спортсментӕ стох кӕндзысты Цӕгат Ирыстоны фыццагады армспортӕй, фехъусын кодта Sputnik ӕрмхӕцджыты тренер Джиоты Валерий.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Цӕгат Ирыстоны фыццагад уыдзӕн ӕвзарӕн Уӕрӕсейы фыццадмӕ. Ерыстӕ цӕудзысты 25-27 декабры.
"Командӕйы сконды сты Хӕбӕлаты Арсен, Сиукъаты Родион, Кӕсӕбиты Владислав, Дыгъуызты Милена, Джиоты Арсен ӕмӕ Джиоты Давид. Джиоты лӕппутӕй дарддӕр аннӕтӕн ис ерысты архайыны стыр фӕлтӕрддзинад. Ӕмткӕй та иууылдӕр сӕхи хорз бацӕттӕ кодтой", - загъта тренер.
Уымӕй размӕ, Уӕрӕсейы чемпионат ӕмӕ фыццагадмӕ ӕвзӕрст рацыд ӕндӕр цхинвайлаг ӕрмхӕцӕг Плиты Батрадз, Санкт-Петербурджы фыццагад ӕмӕ чемпионат рамбулгӕйӕ.
ЦХИНВАЛ, 21 янв – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвайлаг богалтӕ расгуыхтысты Цӕгат Ирыстоны фыццагады юниорты хсӕн. Ерысты ӕнтыстджын разындысты Бестауты Андрей ӕмӕ Дзӕгъиаты Сослан, фехъусын кодта Sputnik спортсменты тренер Коцты Тамерлан.
Ноджы ма иу богал Хуссар Ирыстонӕй ссис призер - ӕртыккаг бынат бацахста Цхуырбаты Артем.
"Уӕлӕлахизтыл буцахуыр лӕппутӕ ацы хатт дӕр фесгуыхтысты - Европӕйы чемпион Бестауты Андрей рамбылдта юниорты хсӕн 125 кг уӕзы, Уӕрӕсейы чемпион Дзӕгъиаты Сослан та - 97 кг уӕзы", - радзырдта уый.
Тренер бафтыдта, ноджы ма иу бынӕттон лӕппу Джиоты Арсен, кӕцы ныридӕгӕн цӕттӕ кӕны Дзӕуджыхъӕуы, кӕй рамбылдта ерысты.
ЦХИНВАЛ, 18 янв – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. ММА-йы ирыстойнаг тохгӕнӕг Дудайты Владимир ауадздзӕн йе ‘ртыккаг профессионалон тох турниры Кӕсӕг-Балхъары февралы, фехъусын кодта Sputnik йӕхӕдӕг атлет. Дудайты Владимиры ныхӕстӕм гӕсгӕ, тохмӕ цӕттӕкӕнынад цӕуы Хуссар Ирыстоны.
"Тренировкӕтӕ уагъд цӕуынц Хуссар Ирыстоны. Спарринг-партнертимӕ мын проблемӕ нӕй. Стыр бузныг ме мбӕлттӕ ӕмӕ тренертӕн, кӕцытӕ мын ӕххуыс кӕнынц", - загъта Дудайты Владимир.
Ирон богалы ныхмӕлӕууӕг уыдзӕн цӕцӕйнаг клуб "Ахмат"-ы минӕвар. Дудайты Владимиры ныхмӕлӕууӕг ауагъта ӕртӕ профессионалон тохы, ӕмӕ сӕ алкӕцы дӕр рамбылдта.
"Мӕ ныхӕмлӕууӕгмӕ мын ис хорз ахаст. Уый у клуб "Ахмат"-ы минӕвар, ӕмӕ уыдонӕн ис иттӕг хорз уавӕртӕ цӕттӕ кӕнынӕн", - банысан кодта Дудайты Владимир.
Спортсмен бафтыдта, зӕгъгӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсы уӕлахизмӕ ӕмӕ йӕм ис егъау мотиваци, уымӕн ӕмӕ йын ӕрдӕг азы тохтӕ нӕ уыд.
Тох ацӕудзӕн февралы, йӕ организатор у промоутерон компани "Плазма". Спортсментӕ тох кӕндзысты 70 килограммы уӕзы категорийы.
Ацы аз январы зындгонд ирон поэт, æхсæнадон архайæг, публицист Дзуццаты Хадзы-Муратыл сыххæст уыдаид 86 азы. Кокойты Тарзан куыд загъта, уымæ гæсгæ Хаджийы сфæлдыстад ирон поэзийы æмæ культурæйы уыд уникалон фæзынд.
"Скъола каст куы фæци, уæд йæхи тыхтæй æмæ хъæппæрисæй радта фæлварæнтæ Мæскуыйы Горькийы номыл литературон институтмæ æмæ уый дæр каст фæци сырх дипломыл", - загъта Тарзан.
Кокойты Тарзаны ныхæстæм гæсгæ, Хадзы-Мурат йæ сфæлдыстадæй æнустæм фыст æрцыд ирон поэзийы хæзнадоны, фæлæ иууыл диссагдæр уыд йе 'мбæстагон позици.
"Хаджи хаудта 60-æм азы поэттæм, ахуыр кодта Евгений Евтушенкоимæ æмæ йæхимæ райста уыцы дуджы арф нысаниуджытæ", - банысан кодта Кокойты Тарзан.
Тарзан ма куыд загъта, уымæ гæсгæ Дзуццаты Хадзы-Мурат удыхъæдæй уыд æфсæрмдзæстыг æмæ хуымæтæг адæймаг, фæлæ дзы мидæгæй сыгъд арт.
Лæмбынæгдæр хъусут аудиоæрмæджы.