Цхинвалы ацыдысты аивадон гимнастикӕйӕ ерыстӕ

© Facebook / Зема ЦховребоваЦхинвалы ацыдысты аивадон гимнастикӕйӕ ерыстӕ
Цхинвалы ацыдысты аивадон гимнастикӕйӕ ерыстӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Конкурсон нывӕзтӕй дарддӕр ма ӕхгӕд бӕрӕгбонон мадзалы сӕ арӕхстдзинад равдыстой эстетикон гимнастикӕйы ӕртӕ командӕ ӕмӕ спорты мастер Кокойты Лиана

ЦХИНВАЛ, 21 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвайлаг спорткомплекс "Олимп"-ы ацыд хыгъдон бӕрӕгбонон турнир аивадон ӕмӕ эстетикон гимнастикӕйӕ. Мадзал цыд карантины домӕнтӕм гӕсгӕ, фехъуысын кодта Sputnik Федерацийы хистӕр Цхуырбаты Зема.

Ерысты архайдтой 50 спортсмены онг.

"Аивадон гимнастикӕйӕ ерыстӕ цыдысты 2009 азӕй 2014 азы онг гуырд спортсменты хсӕн. Уымӕй дарддӕр ма ерысты ралӕудтӕ уыд эстетикон гимнастикӕйӕ ӕртӕ къордӕн, Кокойты Диана та рахызт спорты мастеры программӕмӕ гӕсгӕ", - радзырдта Федерацийы разамонӕг. 

© Facebook / Зема ЦховребоваЦхинвалы ацыдысты аивадон гимнастикӕйӕ ерыстӕ
Цхинвалы ацыдысты аивадон гимнастикӕйӕ ерыстӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ацыдысты аивадон гимнастикӕйӕ ерыстӕ

Уый ма бафтыдта, ерыстӕ кӕй ацыдысты санитарон домӕнтӕм гӕсгӕ.

"Уавӕр хынцгӕйӕ нӕхӕдӕг тӕрхон кодтам турниры, мадзал цыд ӕнӕ уазджытӕ ӕмӕ прессӕйӕ, ныййарджытӕ лӕууыдысты балконыл", - балхынцъ кодта Цхуырбаты Зема.

Ног хабӕртты лентӕ
0