ЦХИНВАЛ, 11 янв – Sputnik, Хъуылымбегты Азæмæт. Цхинвалы боксертæн ацыдысты æвзарæн спаррингтæ Цæгат Ирыстоны фыццагадмæ. Балцæгтыл тох кодтой спортсменты 15 къайы, фехъусын кодта Sputnik боксы скъолайы директоры хæдивæг Кокойты Ирбег.
Спаррингты хайад райстой 2005 – 2006 æмæ 2007 – 2008 азы гуырд спортсментæ республикæйы æппæт боксы секцитæй.
"Пандеми уавæрыл бандæвдта, иуæй-иу спортсментæ бафтыдтой уæз, фæлæ уымæ æнæкæсгæйæ сæ иумæйаг цæттæдзинад ис бæрзонд æмвæзадыл. Аст адæймаджы ацæудзысты ерыстæм Цæгат Ирыстонмæ, тренертæ уадзынц активон тренировкæтæ семæ", - загъта Кокойты Ирбег.
Уый бафтыдта, ерыстæ кæй ацæудзысты æввахс бонты.
ЦХИНВАЛ, 13 апр — Sputnik. Хуссарирыстойнаг командӕ "Цхинвал"-ы футболисттӕ Цӕгат Ирыстоны чемпионаты дыккаг матчы фӕхӕрд сты бынӕттон "Аланийӕн", хъусын кӕны РХИ фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты комитеты пресс-службӕ.
Командӕйы сӕйраг тренер Коцты Сосланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фыццаг таймы цхинвайлаг футболисттӕн уыд хорз фадӕттӕ рамбулынӕн, фӕлӕ ауагътой цалдӕр хорз моменты.
"Фыццаг таймы командӕйы капитан Джиджойты Сослан райста травмӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ хъазд бынтондӕр нал ацыд. Уымӕй дарддӕр ма командӕ у ӕвзонг - нӕ сын фаг кӕны фӕлтӕрддзинад", - банысан кодта футболистты тренер.
Хъазт ахицӕн 0:5 хыгъдӕй. Уый адыл командӕ "Цхинвал" ахсы ӕхсӕзӕм бынат Цӕгат Иры чемпионаты.
ЦХИНВАЛ, 12 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ӕртӕ цхинвайлаг ӕрмхӕцӕджы ссисты Уӕрӕсейы чемпионаты уӕлахиздзаутӕ студентты хсӕн. Фыццаг бынӕттӕ бацахстой Дыгъуызты Милена, Хӕбӕлаты Арсен ӕмӕ Сиукъаты Родион, уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта армспорты тренер Джиоты Валерий.
"Иууылдӕр бӕдӕйнӕгтӕ, сӕрыстыр сӕ дӕн. Ӕртӕйӕ архайдтой ӕмӕ ӕртӕ сызгъӕрин майдан райстой. Уӕлахиздзаутӕ сты мӕ дыууӕ хъомылгӕнинаг Дыгъуызты Милена ӕмӕ Хӕбӕлаты Арсен, стӕй ма тренер Коцты Дмитрийы спортсмен Сиукъаты Родион", - загъта Джиоты Валерий.
Ӕртӕ спортсмены дӕр фӕстаг ӕзты сӕхи уӕзты категориты сты ӕнтыстджын ӕхсӕнадӕмон форматы ерысты.
Уӕрӕсейы студентон чемпионат цыд 9-10 апрелы.