Цхинвайлаг армрестлер рамбылдта Цӕгат Иры чемпионат

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвайлаг армрестлер рамбылдта Цӕгат Иры чемпионат
Цхинвайлаг армрестлер рамбылдта Цӕгат Иры чемпионат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хӕбӕлаты Арсен фӕстаг мӕйы йе 'нтыстджын ралӕудты фӕрцы дыууӕ хатт бацис сызгъӕрин майданты хицау ӕмӕ райста балцӕгтӕ бӕрзонддӕр ӕмвӕзады ерыстӕм

ЦХИНВАЛ, 25 янв — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойнаг спортсмен Хӕбӕлаты Арсен рамбылдта Цӕгат Ирыстоны чемпионат армспортӕй. Ерысты фӕлгӕтты лӕппу фӕуӕлахиз ис авд спортсменыл, уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта йӕ тренер Джиоты Валерий.

Хӕбӕлаты Арсен мӕйы размӕ та рамбылдта Цӕгат Ирыстоны фыццагад фӕсивӕды хсӕн.

"Арсен рамбылдта 80 кг уӕзы, мӕйы размӕ та уыд тыхджындӕр ӕрыгӕтты хсӕн Цӕгат Ирыстоны фыццагады", - загъта тренер.
Хӕбӕлаты Арсен - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хӕбӕлаты Арсен: ацы ерыстæ - ноджы иу къахдзæф ног æмвæзадмæ

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хӕбӕлаты Арсен йӕ уӕлахизты фӕрцы райста балцӕгтӕ Уӕрӕсейы фыццагад ӕмӕ чемпионатмӕ дӕр.

"Кӕд нырмӕ лӕппуйӕн йе 'нтыстытӕ уыдысты ӕрыгӕтты хсӕн, уӕд ныр та басаста чемпионаты ӕмвӕзад дӕр", - бафтыдта уый.

Ивгъуыд азы Цӕгат Ирыстоны чемпионаты Хӕбӕлаты Арсен ссис ӕвзист призер. У ӕрыгӕтты хсӕн Уӕрӕсейы фыццагады уӕлахиздзау, дуне ӕмӕ Европӕйаг ерысты призер. Архайгӕ армрестлертӕй у иууыл ӕнтыстджындӕр Гасситы Сосланы фӕстӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0