Цхинвайлаг армхӕцӕг рамбылдта Уӕрӕсейы чемпионат фӕндзӕм хатт

© Из архива Малхаза ДогузоваЦхинвайлаг ӕрмхӕцӕг рамбылдта Уӕрӕсейы чемпионат фӕндзӕм хатт
Цхинвайлаг ӕрмхӕцӕг рамбылдта Уӕрӕсейы чемпионат фӕндзӕм хатт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.02.2021
Рафыссын
Дыгъуызты Малхаз ныр у Уӕрӕсейы фондз хатты чемпион, дунейы уӕлахиздзау ӕмӕ европӕйаг ерысты ӕртӕ хатты чемпион

ЦХИНВАЛ, 18 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвайлаг армхӕцӕг Дыгъуызты Малхаз фӕндзӕм хатт ссис Уӕрӕсейы чемпион армрестлингӕй сахъат спортсменты хсӕн, уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта йӕ тренер Лелаты Тотрадз.

Дыгъуызты Малхаз ныр у Уӕрӕсейы фондз хатты чемпион, дунейы уӕлахиздзау ӕмӕ Европӕйаг ерысты ӕртӕ хатты уӕлахиздзау.

"Дыгъуызты Малхаз ӕнцонӕй ссис уӕлахиздзау. Иумӕйагӕй сисгӕйӕ йын Уӕрӕсейы ӕмсӕр ныхмӕлӕууӕг нӕй, у фондз азы ӕнӕивгӕ лидер. Йӕ ныхмӕлӕуджыты ӕнцонӕй ӕмӕ ныфсджынӕй рамыблдта", - загъта тренер.

Уый ма бафтыдта, Уӕрӕсейы ерысты фӕстӕ та йӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц бӕрзонддӕр ӕмвӕзады турниртӕ.

"Европӕйы чемпионат уыдзӕн Литвайы, уый кӕд нӕ аивой, уӕд дзы архайдзыстӕм. Дунейы чемпионаты фысым у Гуырдзыстон, уырдӕм Дыгъуызты Малхазӕн куыд Хуссар Ирыстоны сӕрмагонд структурӕты кусӕгӕн, афтӕ тӕссаг у ныццӕуынӕй", - бафтыдта уый.

Уӕрӕсейаг чемпион армрестлингӕй сахъат спортсменты хсӕн цӕуы горӕт Орелы 15-18 февралы.

© Из архива Малхаза ДогузоваДыгъуызты Малхаз
Цхинвайлаг армхӕцӕг рамбылдта Уӕрӕсейы чемпионат фӕндзӕм хатт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.02.2021
Дыгъуызты Малхаз
Ног хабӕртты лентӕ
0