Цхинвайлаг боксертӕ рамбылдтой цыппар майданы Цӕгат Иры фыццагад ӕмӕ чемпионаты

CC0 / / Цхинвайлаг спортсментӕ рамбылдтой цыппар майдан Цӕгат Иры фыццагад ӕмӕ чемпионаты
Цхинвайлаг спортсментӕ рамбылдтой цыппар майдан Цӕгат Иры фыццагад ӕмӕ чемпионаты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.03.2021
Рафыссын
Ерысты фӕлгӕтты расгуыхтысты уӕлахиздзау Хъӕцмӕзты Дмитрий, афтæ ма призертӕ Бестауты Аслан, Багаты Дмитрий ӕмӕ Хъазиты Дауыт

ЦХИНВАЛ, 16 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны боксертæ расгуыхтысты Цӕгат Ирыстоны фыццагад ӕмӕ чемпионаты. Майдантимӕ ӕрӕздӕхтысты цыппар спортсмены, фехъусын кодта Sputnik спорты комитеты минӕвар Бестауты Чермен.

Хуссарирыстойнаг боксер ссис Абхазы турниры уæлахиздзау - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.10.2020
Хуссарирыстойнаг боксер ссис Абхазы турниры уæлахиздзау

Цӕгат Ирыстоны чемпионаты уӕлахиздзау ссис Хъӕцмӕзты Дмитрий, уый цӕттӕ кӕнынц спорты галуаны тренертӕ Тедеты Алик ӕмӕ Бестауты Чермен.

"Лӕппу архайдта 19-40 кары спортсменты хсӕн 90 килограммы уӕзы. Ӕртӕ ӕнтыстджын тохы хатдзӕгтӕм гӕсгӕ боксер ссис уӕлахиздзау. Уый у йӕ фыццаг ӕнтыст хистӕрты хсӕн. Хъӕцмӕзты Дмитрийӕн нырмæ дӕр уыд хорз ӕнтыстытӕ, у ЦКФЗ уӕлахиздзау, ӕхсӕнад "Динамо"-йы дыууӕ хатты чемпион. Апрелы уый стох кӕндзӕн Уӕрӕсейы профцӕдисты ерысты", - загъта Бестауты Чермен.

Тренеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕрыгӕтты хсӕн дæр цхинвайлаг спортсментӕ райстой призон бынӕттӕ.

"Юниорты хсӕн ӕртӕ тох ауагъта Гӕбӕраты Гамлеты спортсмен Бестауты Аслан. Хорз тох кодта, ӕрмӕст ӕм финалы æрхауд йӕхицӕй стырдӕр спортсменимӕ тох ӕмӕ тӕрхонгӕнджыты скъуыддзагӕй ссис дыккаг", - бафтыдта уый.

Спорты скъолайы минӕвар Багаты Дмитрий дӕр ссис мадзалы ӕвист призер.

"Кокойты Мурӕт, Плиты Азӕмӕт ӕмӕ Коцты Дмитрийы спортсмен Багаты Дмитрий турниры ауагъта цыппар тохы, фыццаг ӕртӕ уыдысты нывыл, фӕлӕ финалы фӕхӕрд ис", - загъта тренер.

Ноджы ма иу спортсмен Хуссар Ирыстонӕй Хъазиты Дауыт ерысты ссис бронзӕйон призер.

Ног хабӕртты лентӕ
0