Сӕрыстыр сӕ дӕн: ӕртӕ цхинвайлаг армрестлеры рамбылдтой Уӕрӕсейы чемпионат студентты хсӕн

© Photo : Из личного архива тренера В.ДжиоеваХуссар Иры ӕртӕ армрестлеры рамбылдтой Уӕрӕсейы чемпионат студентты хсӕн
Хуссар Иры ӕртӕ армрестлеры рамбылдтой Уӕрӕсейы чемпионат студентты хсӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.04.2021
Рафыссын
Фыццаг бынӕттӕ бацахстой Дыгъуызты Милена, Хӕбӕлаты Арсен ӕмӕ Сиукъаты Родион, уыдон ӕртӕ дӕр фӕстаг ӕзты сӕхи уӕзты категориты сты ӕнтыстджын ӕхсӕнадӕмон форматы ерысты

ЦХИНВАЛ, 12 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ӕртӕ цхинвайлаг ӕрмхӕцӕджы ссисты Уӕрӕсейы чемпионаты уӕлахиздзаутӕ студентты хсӕн. Фыццаг бынӕттӕ бацахстой Дыгъуызты Милена, Хӕбӕлаты Арсен ӕмӕ Сиукъаты Родион, уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта армспорты тренер Джиоты Валерий.

"Иууылдӕр бӕдӕйнӕгтӕ, сӕрыстыр сӕ дӕн. Ӕртӕйӕ архайдтой ӕмӕ ӕртӕ сызгъӕрин майдан райстой. Уӕлахиздзаутӕ сты мӕ дыууӕ хъомылгӕнинаг Дыгъуызты Милена ӕмӕ Хӕбӕлаты Арсен, стӕй ма тренер Коцты Дмитрийы спортсмен Сиукъаты Родион", - загъта Джиоты Валерий.

Ӕртӕ спортсмены дӕр фӕстаг ӕзты сӕхи уӕзты категориты сты ӕнтыстджын ӕхсӕнадӕмон форматы ерысты.

Уӕрӕсейы студентон чемпионат цыд 9-10 апрелы.

© Photo : Из личного архива В.ДжиоеваХуссар Иры ӕртӕ армрестлеры рамбылдтой Уӕрӕсейы чемпионат студентты хсӕн
Сӕрыстыр сӕ дӕн: ӕртӕ цхинвайлаг армрестлеры рамбылдтой Уӕрӕсейы чемпионат студентты хсӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.04.2021
Хуссар Иры ӕртӕ армрестлеры рамбылдтой Уӕрӕсейы чемпионат студентты хсӕн
Ног хабӕртты лентӕ
0