Хуссар Иры сбæлвырд кодтой хъæбысхæсты турниры уæлахиздзауты

© Пресс-служба Дзауского районаХуссар Иры Дзауы районы сбæлвырд кодтой хъæбысхæсты турниры уæлахиздзауты
Хуссар Иры Дзауы районы сбæлвырд кодтой хъæбысхæсты турниры уæлахиздзауты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.04.2021
Рафыссын
Спортивон мадзалы призтыл тох кодтой 200 спортсмены Цхинвал, Къуаиса æмæ Дзауæй, афтæ ма Цæгат Ирыстонæй дæр

ЦХИНВАЛ, 27 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы ацыд Стыр Фыдыбæстон хæсты хъайтар Хъоцыты Константины номарæн турнир хъæбысхæстæй. Спортивон мадзал сбæлвырд кодта 18 уæлахиздзауы хицæн уæзы категориты, фехъусын кодтой Sputnik районы пресс-службæйы.

© Пресс-служба Дзауского районаХуссар Иры Дзауы районы сбæлвырд кодтой хъæбысхæсты турниры уæлахиздзауты
Хуссар Иры сбæлвырд кодтой хъæбысхæсты турниры уæлахиздзауты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.04.2021
Хуссар Иры Дзауы районы сбæлвырд кодтой хъæбысхæсты турниры уæлахиздзауты

Призтыл тох кодтой 200 спортсмены Цхинвал, Къуаиса æмæ Дзауæй, афтæ ма Цæгат Ирыстонæй дæр.

"Мадзалы уыд бирæ уазджытæ - турнир кæй номыл цыд, уый фæдонтæ, парламенты хистæр Тадтаты Алан, районы разамонæг Джиоты Андрей. Спортсментæ равдыстой хорз тохтæ", - загъта пресс-службæйы кусæг Тедеты Лиана.

Сызгъæрин майдантæ райстой Болататы Дзамболат, Пухаты Алан, Бесаты Аслан, Сидамонты Артур, Махъоты Гия, Тыджыты Алан, Цакъоты Мартин, Гæззаты Дмитрий, Туаты Дауыт, Джиоты Артур, Гаглойты Роберт, Нарыкъаты Марат, Гæззаты Барсæг, Туаты Хетæг, Галуанты Арсæмæг, Хуыбиаты Аслан æмæ Мурийты Азæмæт.

Районы пресс-службæйы куыд банысан кодтой, афтæмæй ацы турнир уыд фыццаг официалон ерыс ног арæзт спортивон бæстыхайы, кæцы самадтой президентон фонды хæрдзтæй.

Ерыстæ бацæттæ кодта районы спорты управлени Национ банчы разамонæг Джиоты Жаннайы æххуысæй.

© Пресс-служба Дзауского районаХуссар Иры Дзауы районы сбæлвырд кодтой хъæбысхæсты турниры уæлахиздзауты
Хуссар Иры Дзауы районы сбæлвырд кодтой хъæбысхæсты турниры уæлахиздзауты - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/4
Хуссар Иры Дзауы районы сбæлвырд кодтой хъæбысхæсты турниры уæлахиздзауты
© Пресс-служба Дзауского районаХуссар Иры Дзауы районы сбæлвырд кодтой хъæбысхæсты турниры уæлахиздзауты
Хуссар Иры Дзауы районы сбæлвырд кодтой хъæбысхæсты турниры уæлахиздзауты - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/4

3/4

© Пресс-служба Дзауского районаМадзалы уыд бирæ уазджытæ - турнир кæй номыл цыд, уый фæдонтæ, парламенты хистæр Тадтаты Алан, районы разамонæг Джиоты Андрей
Мадзалы уыд бирæ уазджытæ - турнир кæй номыл цыд, уый фæдонтæ, парламенты хистæр Тадтаты Алан, районы разамонæг Джиоты Андрей - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/4
Мадзалы уыд бирæ уазджытæ - турнир кæй номыл цыд, уый фæдонтæ, парламенты хистæр Тадтаты Алан, районы разамонæг Джиоты Андрей
1/4
Хуссар Иры Дзауы районы сбæлвырд кодтой хъæбысхæсты турниры уæлахиздзауты
2/4
Хуссар Иры Дзауы районы сбæлвырд кодтой хъæбысхæсты турниры уæлахиздзауты
3/4
Хуссар Иры Дзауы районы сбæлвырд кодтой хъæбысхæсты турниры уæлахиздзауты
4/4
Мадзалы уыд бирæ уазджытæ - турнир кæй номыл цыд, уый фæдонтæ, парламенты хистæр Тадтаты Алан, районы разамонæг Джиоты Андрей
Ног хабӕртты лентӕ
0