Хæдбардзинад расидыны бонæн Цхинвалы снывонд кӕндзысты æхсæнадæмон турнир теннисæй

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы ацæудзæн хæдбардзинады бонæн нывонд æхсæнадæмон турнир уæлыстол теннисæй
Цхинвалы ацæудзæн хæдбардзинады бонæн нывонд æхсæнадæмон турнир уæлыстол теннисæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.05.2021
Рафыссын
Ерыстæм цытджын уазджыты хуызы хуынд цæуынц, 29 азы размæ Республикæйы хæдбардзинады фæдыл ахсджиаг фæндон цы депутаттæ рахастой, уыдон

ЦХИНВАЛ, 27 май — Sputnik, Хъуылымбегты Азæмæт. Цхинвалы ацæудзæн Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады акт расидыны боны цытæн æхсæнадæмон турнир уæлыстол теннисæй, фехъусын кодта Sputnik спорты ацы хуызы федерацийы хистæр Джиоты Мириан.

Гуырахстджын мадзал райдайдзæн 29 майы сывæллæтты Республикон спортивон скъолайы бæстыхайы.

День независимости - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.08.2018
Тест: Хуссар Иры фæндаг хæдбардзинад æмæ нымадмæ

"Турниры хайад райсдзысты бынæттон спортсментæ, стæй ма Ростов, Цæгат Ирыстон æмæ Абхазы теннистисттæ. Мадзал цæуы ныр æвдæм аз", - загъта федерацийы хистæр.

Уый ма бафтыдта, æхсæнадæмон спортивон мадзалæн хатдзæгтæ кӕй скæндзысты хуыцаубоны, 30 майы.

Ерыстæм цытджын уазджыты хуызы хуынд цæуынц, 29 азы размæ Республикæйы хæдбардзинады фæдыл ахсджиаг фæндон цы депутаттæ рахастой, уыдон.

Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады акт фидар æрцыд 1992 азы 29 майы. Уый нымад цæуы республикæйы ног историйы иууыл ахсджиагдæр документыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0