Хуссарирыстойнаг велосипедисттӕ хъавынц басӕттын вазыгджындӕр маршруттӕй иу

© SputnikВелозгъорд
Велозгъорд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.07.2021
Рафыссын
Велозгъордты уарзджытӕ сӕ балц райдайдзысты республикӕйы столицӕйӕ ӕмӕ басӕтдзысты 58 километры дӕргъӕн хӕххон фӕндаг. Хайадисджытӕ маршрут хонынц канд тынг вазыгджын нӕ, фӕлӕ ма диссаджы рӕсугъд дӕр

ЦХИНВАЛ, 2 июл — Sputnik, Чехойты Инга. Ӕнӕниз цардуаг уарзджытӕ, велосипедистты къорд "Крути педали"-йы иууыл фӕразондӕр ӕмӕ тыхджындӕр минӕвӕрттӕ сабаты фӕнд кӕнынц басӕттын маршрут Цхинвал–Зар–Гуфта–Цхинвал.

Командӕйы активисттӕ Тедеты Лери ӕмӕ Ольга Михаилиди куыд радзырдтой Sputnik, афтӕмӕй маршрут у тынг вазыгджын.

"Велозгъорд уыдзӕн дӕргъвӕтин ӕмӕ вазыгджын, хайад дзы райсдзысты ӕрмӕстдӕр нӕ командӕйы фӕлтӕрд ӕмӕ фӕразон уӕнгтӕ. Нӕ фӕндаджы дӕргъ уыдзӕн 58 километры, фӕлӕ йӕ зынвадат кӕнынц бирӕнынмӕц хӕрдтӕ", - радзырдта Тедеты Лери.

Олга Михаилиди та банысан кодта, зӕгъгӕ, кӕд маршрут тынг вазыгджын у, уӕд рӕсугъд ӕмӕ цымыдисон дмр афтӕ у.

"Тъыбетӕй Гуфтайы онг фӕндаджы фадыг у ӕнагъӕддаджы рӕсугъд. Ӕрдзы диссаджы нывтӕ ныл кӕлӕнтӕ бафтауынц", - загъта уый.

Ацы маршрутыл ма велосипедисттӕ рацыдысты 2019 азы дӕр. Ӕнӕниз цардуаг уарзджыты активы ис бирӕнымӕц велозгъордтӕ, сӕ нымӕцы иууыл вазыгджындӕр маршруттӕ Цхинвал–Ленингор–Цхинвал, Цхинвал–Рукъ–Цхинвал. 

Ног хабӕртты лентӕ
0