Ирон футболист Зæгъойты Алан адарддæр кодта йæ контракт ӔЦСК-имæ

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæИрон футболист Зæгъойты Алан адарддæр кодта йæ контракт ӔЦСК-имæ
Ирон футболист Зæгъойты Алан адарддæр кодта йæ контракт ӔЦСК-имæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.07.2021
Рафыссын
Æрдæгхъахъхъæнæг Ӕфсæддонты централон спортивон клубы ныры онг ахъазыд 375 матчы, бакодта 77 пуртийы

ЦХИНВАЛ, 22 июл — Sputnik. Зындгонд ирон футболит Зæгъойты Алан йæ бадзырд Ӕфсæддонты централон спортивон клубимæ адарддæр кодта 2022/23 сезоны кæронмæ, хъусын кæны клубы пресс-службæ.

Дзæгъойты Алан ӔЦСК сконды хъазы æртындæс азы.

"Зæгъойты Алан ӔЦСК-имæ йæ бадзырд адарддæр кодта 2022-2023 сезоны кæронмæ", - дзырдæуы хъусинаджы.

Æрдæгхъахъхъæнæг Ӕфсæддонты централон спортивон клубы ныры онг ахъазыд 375 матчы, бакодта 77 голы. Зæгъойты Алан у Уæрæсейы æртæ хатты чемпион, цыппар хатты рамбылдта Уæрæсейы Кубок æмæ Суперкубок.

Ног хабӕртты лентӕ
0