Ныхмӕлӕууӕг бӕрӕг у: Гасситы Мурат фӕззӕджы ауадздзӕн радон тох

© Sputnik / Евгений Одиноков /  Ахизын медиабанкмæГасситы Мурат
Гасситы Мурат - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.09.2021
Рафыссын
Ирон спортсмен дӕргъвӕтин паузӕ ӕмӕ суперуӕззау уӕзы категоримӕ ахизыны фӕстӕ ауагъта дыууӕ тохы ӕмӕ дыууӕйӕ дӕр рахызт уӕлахиздзауӕй
ЦХИНВАЛ, 13 сен - Sputnik. Дунейы экс-чемпион WBA ӕмӕ IBF верситӕм гӕсгӕ Гасситы Мурат "IRON" ауадздзӕн йӕ радон тох 2021 азы фӕззӕджы. Уый тыххӕй 15-ӕм Регионӕн фехъусын кодта спортсмены тренер Сланты Виталий.
Бокс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.09.2021
Хуссар Иры боксертӕ бацыдысты "Юность России"-йы призтыл тохы
"Кусӕм, алцыдӕр цӕуы нывӕзтмӕ гӕсгӕ. Фӕззӕджы уыдзӕн тох, дырыс датӕ нырма нӕ бон зӕгъын нӕу. Ныхмӕлӕууӕг дӕр бӕрӕг у, фӕлӕ йын йӕ ном раргом кӕндзыстӕм фӕстӕдӕр", - банысан кодта тренер.
27-аздзыд Гасситы Мурат йӕ фӕстаг тох ауагъта 2021 азы июлы. Уый титулон ныхмӕлӕуды фӕуӕлахиз немыцаг Михаэль Валлишыл. Ирон спортсмен ссис WBA Asia чемпион  суперуӕззау уӕзы.
Ног хабӕртты лентӕ
0