Присаг сæндуцæг радзырдта, куыд аразы йæ "шампайнаг" сæн

Рафыссын
Присы хъæуы цæрæг Сиукъаты Павел аразы "шампайнаг" æмæ коньяк, æмæ йын кæд Хуссар Ирыстоны нæй конкуренттæ, уæддæр бакæнгæ куыстыл йæ зæрдæ æрлæууын нæй.

Йæ урс сæн аразы Фролов-Багреевы технологимæ гæсгæ, кæцы æрымысыд зындгонд "Советское шампанское".

Хуссар Ирыстоны иунæг шампайнаг сæндуцæджы ном зындгонд у, зæрдиагæй йын агурынц йæ продукци — Ног азмæ ауæй кодта 400 авджы. Йæ зæрды ис йæ кондад фæуæрæхдæр кæнын — шампайнаг сæнæй дарддæр ма фæнд кæны коньяк уадзын дæр.

Кондадон роцесс æнæхъæнæй — тыллæг æфснайынæй æвгтыл этикеткæтæ æндадзыны онг — сæндуцæг æххæст кæны йæхи къухæй. Уæззау куыст кæнын æнцон нæу. Фæлæ сæндуцæг нæ хъаст кæны, уымæн æмæ æххæст кæны йæ уарзон хъуыддаг, кæцы йын хæссы æхцондзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0