Цхинвалы ногӕй сфӕлдыстой Хуссар Иры "хъӕбатырдзинады истори"

Рафыссын
Видеойы ис театралон равдыст, кӕцы нывонд у Банымады боны цытӕн

Хуссар Ирыстоны столицӕйы банысан кодтой Хӕдбардзинады банымады бон аивадон мадзӕлттӕй, кӕцытӕ нывонд уыдысты цытджын бӕрӕгбонӕн. Бӕрӕгбонон спектаклы размӕ кӕсджытӕн раарфӕ кодта республикӕйы президент Бибылты Анатолий, афтӕ ма Уӕрӕсейы минӕвар Марат Кулахметов ӕмӕ Сирийы минӕвар Уӕрӕсейы Федерацийы Риад Хаддад.

Официалон хайы фӕстӕ сценӕйыл ногӕй сфӕлдыстой Ирыстоны истори ӕмӕ мифологи, артисттӕ равдыстой ирон адӕмы историйы ирд цаутӕ легендарон нартӕй ӕмӕ зындгонд алантӕй абоны боны онг.

РХИ хӕдбардзинады банымады бон нысан кӕнынц ӕрвылаз 26 августы — уыцы бон 2008 азы Уӕрӕсе банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад. Уӕрӕсейы Федерацийы фӕстӕ республикӕйы суверенитет банымадтой Никарагуа, Венесуэла, Науру ӕмӕ Сири.

"Хъӕбатырдзинады истори"-йы фӕстӕ Цхинвалы ацыд турнир ӕмхӕццӕ ӕмтохӕдтӕй "К-9", бӕрӕгбонон концерт ӕмӕ фейерверк.

Ног хабӕртты лентӕ
0