Зассеты Арсæмæджы балц дунейы фыццагады финалмæ - видео

Рафыссын
Ирон лæппу финалмæ фæндагыл рамбылдта æртæ богалы Инди, Болгари æмæ Иранæй

Дунейы фыццагад цæуы  Болгарийы, 110 кг уæзы тох кæны цхинвайлаг богал  Зассеты Арсæмæг.

Хуссар Ирыстоны хъæбысхæсты секцийы хъомылгæнинаг, 2019 азы Уæрæсейы фыццагады уæлахиздзау Зассеты Арсæмæг дунейы фыццагады Болгарийы æнтысджын тохы фæрцы ахызт ерысты финалмæ.

Ӕрдæгфиналы уæззау тохы уый рамбылдта турниры фаворит Салар Сайед Хабибиехсанийы.

Дыццæджы изæры, 18 сахатыл Зассеты Арсæмæг фембæлдзæн гуырдзиаг богал Георгий Чихрадзеимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0