Кæрдзыны гуырæн: куыд кусы Хуссар Иры иунæг доны куырой

Рафыссын
Фыдæлты дугæй æрцæугæ «рауагъдады» куыст у æнæкъæм, хæрдзтæ та дзы мисхал дæр нæй - куырой кусы доны тыхтæй

Рагон дуджы æрымысгæ мигæнæн - доны куырой куыстхъом у Ӕрдзынарæджы хъæу ныр дæр.

Ацы комы ма кусы Хуссар Иры иунæг ахæм куырой. Стæй, иумæйагæй сисгæйæ дæр, нæ бæстæйы куырой у стæм фæзынд - ныры дуджы адæм ссад æлхæнынц цæттæйæ.

Ацы комы ма ныр ис стæм цæрджытæ, раздæр та дзы адæмæй азмæлæн дæр нæ уыд.

Куырой уыд алы цæрæг бинонтæн æмæ мыггæгтæн дæр. Куырой дурты æлхъивæнты-иу ссад февзæрд мæнæу, нартхор, хъæбæрхор æмæ æндæр хоры культурæтæ.

Уый цыд куы фосы холлагæн, афтæ кæрдзынæн - æнусы размæ джуджы дзуыл уыд стæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0