Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы хсæн паддзахадон арæныл змæлд цæуы хуымæтæг режимы – æппæт тобæтæ дæр ист æрцыдысты.
Дыууæ бæстæйы хсæн арæны сæртыл хизыны тобæтæ фæзынд 13 апрелæй, фæлæ уый адæмы алкæцы категоритæм нæ хауд. 10 майæ арæн бынтондæр сæхгæдтой. Йæ райгуырæн бæстæм чи здæхт, уыдонæн æнæмæнг уыд дыууæ къуыри карантины.
Æрæджы йæ цардæй ахицæн ис Адæмон нывгæнæг Гасситы Хсар. Паддзахадон драмон театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзудцаты Тамерлан куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Хсар уыд стыр нывгæнæг.
"Хсар йæ фæстæ ныууагъта арф фæд. Нæ зонын, кæцы æнусы ма райгуырдзæн Хсары хуызæн нывгæнæг", - загъта Тамерлан.
Режиссеры ныхæстæм гæсгæ, йæ фембæлдтæ нывгæнæгимæ уыдысты, Хсар иу куы рцыд Цхинвалмæ, уæд. Ныхас цыд фылдæр аивадыл.
Уӕрӕсейы ӕфсӕддон-быдырон госпиталы специалисттӕ сдезинфекци кодтой дыууӕ социалон объектты, цӕмӕй ӕруромой коронавирусы дарддӕры апарахат. Сӕ дарддӕры нывӕзты ис ӕнгӕс куыстытӕ ауадзын Ленингоры районы дӕр.
ЦХИНВАЛ, 15 янв – Sputnik, Козаты Диана. Арӕнхъахъхъӕнджытӕ ивгъуыд азы декабры ӕрурӕдтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны 28 фехалӕджы, хъусын кӕӕы майрӕмбоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты пресс-службӕ.
Мӕй раздӕр дӕр арӕнсӕтджыты ӕмӕ арӕны режим фехалджыты нымӕц уыд 28.
"Декабры цы фӕткхалджыты ӕрурӕдтой, уыдонӕй дӕс фехӕлдтой паддзахадон арӕӕы режим, 18 та – арӕнгӕрон режим. Комитеты арӕнгӕрон службӕ алкӕцы фӕткхӕлдты тыххӕй дӕр уагъд ӕрцыд басгӕрст, уыдон фӕдыл цыппар адӕймаджы ныхмӕ бакондӕуыд уголовон хъуыддӕгтӕ, 22 бафыстой ивартӕ, дыууӕйы та феддӕдуар кодтой республикӕйӕ", - банысан кодтой спецслужбӕйы.
ПӔК ма банысан кодтой, Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны хсӕн уадзӕн пункттӕ дӕр нырма кӕй сты ӕхгӕд Хелчуайы уӕвӕг пунктӕй дарддӕр.