Хуссар Ирыстоны волонтертӕ ӕххуыс кӕнынц республикон бирӕпрофилон медицинон центры "сырх зонӕтӕм" медицинон туаггуыры баллонтӕ хӕссынӕн. Коронавирусы апарахаты фӕстиуӕгӕн фӕстаг рӕстӕджы ӕрвылбон фылдӕр кӕны рынчындоны туаггуыры хӕрдзтӕ.
РБМЦ-йы инфекцийы хайад ӕмӕ сывӕллӕты рынчындон, кӕцы рацарӕзтой коронавирусӕй рынчынтӕн, иумӕ суткӕ хардз кӕны 180 баллон туаггуыр. Уымӕн ӕрмӕст йӕ иу хай цӕуы комкоммӕ линийыл, аннӕ хӕссынц къухӕй баллонты, сӕ иуы уӕз у 89 кг.
Пæрæстаты Дмитрий куыд радзырдта, уымæ гæсгæ чысылæй фæстæмæ йæ бæллиц уыд актер суӕвын. Фӕлӕ, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыцы рæстæджы уыд æндыгъд уавæр æрмæст Хуссар Ирыстоны нæ, фæлæ æмтгæй Советон Цæдисы.
"Уæрæсейæ æрцыд хонӕн фыстæг нæхимæ, цы ран фадат лæвæрдтой Мæскуыйы Щепкины номыл уæлдæр театралон ахуыргӕнӕндонмӕ бацӕуынӕн. Æртымбыл стæм 20 адæймаджы бæрц æмæ ацыдыстым ахуырмæ", - дзуры Дмитрий.
Бӕстондӕрӕй - нӕ видеоӕрмӕджы
Февралы Хуссар Ирыстоны райгуырдысты дыууæ гениалон сылгоймаджы, кæцытæ стыр хай бавæрдтой ирон аивадон хæзнадоны – Плиты Жанна æмæ Галуанты Людмила. Дзудцаты Тамерланы хъуыдымæ гæсгæ, ирæттæ хъуамæ стыр аргъ кæной ацы диссаджы курдиатджын адæмæн.
"Плиты Жаннайæн йæ музыкалон уацмыстæ сты космикон. Галуанты Люда та у стыр дамгъæтæй фыст гениалон актрисæ", - банысан кодта режиссер.
Лæмбынæгдæр - нæ видеоæрмæджы.
ЦХИНВАЛ, 3 мар - Sputnik. Хуссар Иры Гӕззаты Вадимы номыл милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды сбӕрӕг кодтой физикон ӕгъдауӕй иууыл цӕттӕдӕр кусджыты. Ерыстӕ ӕрӕмных кодтой къорды сырӕзты 29-ӕм афӕдзыбонмӕ, хъусын кӕны МХМ пресс-службӕ.
Уӕлахиздзауты бӕрӕг кодтой куыд командон, афтӕ хисӕрмагонд бахыгъды дӕр.
"Командон бахыгъды фыццаг бынатмӕ рахызт 1-аг оперативон ротӕ, дыккаг бынат бацахста 2-аг оперативон ротӕ, ӕртыккаг бынат та бацис 3-аг оперротӕйы", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.
Афтӕ ма ацыдысты ерыстӕ хисӕрмагонд бахыгъды дӕр цалдӕр спортивон дисциплинӕйӕ ӕмӕ цыппар уӕзы категорийы.
Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды дӕлхайӕдты хсӕн ерыстӕ уагъд фӕцӕуынц ӕрвылаз дӕр спорты хуызтӕ парахат кӕнын ӕмӕ хисӕрмагонд сконды профессионалон цӕттӕдзинад фӕбӕрзонддӕр кӕныны нысанӕн.