Февралы Хуссар Ирыстоны райгуырдысты дыууæ гениалон сылгоймаджы, кæцытæ стыр хай бавæрдтой ирон аивадон хæзнадоны – Плиты Жанна æмæ Галуанты Людмила. Дзудцаты Тамерланы хъуыдымæ гæсгæ, ирæттæ хъуамæ стыр аргъ кæной ацы диссаджы курдиатджын адæмæн.
"Плиты Жаннайæн йæ музыкалон уацмыстæ сты космикон. Галуанты Люда та у стыр дамгъæтæй фыст гениалон актрисæ", - банысан кодта режиссер.
Лæмбынæгдæр - нæ видеоæрмæджы.
Хуссар Ирыстоны столицӕйы БАМ-ы микрорайонмӕ ӕхсӕнадон траспорты фӕндаг сӕхгӕнынц фӕндаггӕрон урӕд хӕдтулгӕтӕ.
Автобусы шофырты бахъӕуы фӕндагон змӕлды тӕмӕны фӕстӕмӕ цыдӕй бацӕуын лӕууӕндонмӕ. Науæд та æхсæнадон транспорт æрлæууы микрорайонмæ бацæуæны. Паддзахадон автоинспекци вæры уæлæмхас нысæнттæ, цæмæй æрнывыл кæна фæндагон змæлд.
Хуссар Ирыстоны иунӕг къахдзоныгътыл бырӕн трассӕ "Цъон"-ы ацы аз фӕзындысты ногдзинӕдтӕ. Раздӕры рӕстӕгмӕ цатырты бӕсты Цъоны ӕвӕрд ӕрцыд ӕдзухон хъармгӕнӕн пункт 54 квадратон метры бӕрц. Ногдзинӕдтӕм ма бахӕссӕн ис уый дӕр, ӕмӕ трассӕ ныр иу ахӕм кӕй фӕдаргъдӕр ис. Кӕд раздӕр йӕ дӕргъ уыд 900 метры, уӕд ныр та у 2 км.
Цъоны хъæу æвæрд у 1700 метры денджызы æмвæзадæй бæрзонддæр. Фæндаг æм цæуы хæрзвадат трассæ Цхинвал-Гуфта-Къуаисайыл.
ЦХИНВАЛ, 24 фев — Sputnik. Тæрхондон аскъуыддзаг кодта Дзæуджыхъæуы цæрæг Тъехты Вадимæн, кæцы амардта йæ раздæры бинойнаджы, 16 азы карз режимы колонийы фæбадын. Уый тыххæй хъусын кæнынц Крылья TV.
2019 азы сентябры Дзӕуджыхъӕуы 31-аздзыд цӕрӕг Тъехты Вадим бирӕ хатт ныццавта кардӕй йӕ раздӕры цардӕмбалы, уый фӕстӕ йӕхи бааууон кодта цауы бынатӕй. Фӕстӕдӕр фыдгӕнӕг йӕхи къахӕй бацыд барадхъахъхъӕнӕг органтӕм.
Дохтыртӕ архайдтой ӕппӕты амӕлттӕй дӕр чызджы аирвӕзын кӕныныл, фӕлӕ иу къуырийы фӕстӕ уый амард Дзӕуджыхъӕуы республикон клиникон рынчындоны.
Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй ма лӕппу раздӕр дӕр уыд тӕрхоны ӕнӕниздзинадӕн карз зиан ӕрхӕссын ӕмӕ наркотикон буарадты ӕнӕзаконон зылды тыххӕй. Афтӕ ма фыдгӕнӕг 2017 азы дӕр ивар ӕрцыд 5 мин сомы чызджы фӕнӕмыны тыххӕй.
Цӕгат Иры прокуратурӕйы ма банысан кодтой, зӕгъгӕ, тӕрхондон ноджы аскъуыддзаг кодта, цӕмӕй марӕг зианджын бинонтӕн бафида компенсаци ӕртӕ милуан сомы бӕрц.