Федерацийы Совет сратификаци кодта Хуссар Ирыстонимӕ интеграцион бадзырд

© Sputnik / РИА НовостиФедерацийы Совет сратификаци кодта Хуссар Ирыстонимӕ интеграцион бадзырд
Федерацийы Совет сратификаци кодта Хуссар Ирыстонимӕ интеграцион бадзырд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
УФ ӕмӕ РХИ ӕхсӕн ӕмцӕдисад ӕмӕ интеграцион бадзырдыл къухтӕ бафыстой президенттӕ Владимир Путин ӕмӕ Тыбылты Леонид. Документ уал бафыстӕуыд 25 азы ӕмгъуыдмӕ.

ЦХИНВАЛ, 24 июн — Sputnik. Уӕрӕсейы Федерацийы Совет ӕртыццӕджы сратификаци кодта УФ ӕмӕ РХИ ӕхсӕн ӕмцӕдисад ӕмӕ интеграцион бадзырд, хъусын кӕны РИА Новости.

Уӕрӕсейы президент Владимир Путин бавдыста майы Паддзахадон думӕмӕ законопроект Хуссар Ирыстонимӕ интеграцион бадзырд сратификаци кӕныны тыххӕй, кӕцы дыууӕ бӕстӕйы президенттӕ бафыстой 2015 азы 18 марты.

Документы фӕлгӕтты арӕзт ӕрцӕудзӕн хахъхъӕнынад ӕмӕ ӕдасдзинады иумӕйаг тыгъдад, афтӕ ма паддзахадон арӕны сӕрты сӕрибарӕй хизын, таможнийы органты интеграци.

Уымӕй дарддӕр ма фӕарфдӕр уыдзӕн дыууӕ бӕстӕты ӕхсӕн ӕмгуыстад социалон, экономикон ӕмӕ гуманитарон фадгуыты, куыстмызд ӕмӕ пенситӕ схиздзысты Уӕрӕсейы цӕгаткавказаг регионты ӕмвӕзадмӕ.

Бадзырд уал бафыстӕуыд 25 азы ӕмгъуыдмӕ, уый фӕстӕ гӕнӕн уыдзӕн йӕ адарддӕр кӕнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0