Тедеты Бахва: УФ ӕмбырдгонд хъуамӕ аскъуыддзаг кӕна сӕйраг тренеры фарст

© Sputnik / Владимир Песня /  Ахизын медиабанкмæФабио Капеллойы фидӕн ӕмбырдгонды нырма скъуыддзаг нӕу.
Фабио Капеллойы фидӕн ӕмбырдгонды нырма скъуыддзаг нӕу. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
УФЦ-ы ӕххӕстгӕнӕн комитет ӕртыццӕджы фехъусын кодта, Фабио Капелло кӕй баззайдзӕн УФ футболы иугӕнды сӕйраг тренерӕй. Фӕлӕ ӕмбырдгонды йӕ фидӕн нырма скъуыддзаг нӕу.

ЦХИНВАЛ, 26 июн — Sputnik. Уӕрӕсейы футболон цӕдис (УФЦ) куыд тагъддӕрӕй хъуамӕ аскъуыддзаг кӕна ӕмбырдгонды сӕйраг тренеры кандидатурӕйы фарст, загъта Sputnik Хуссар Ирыстоны парламенты туризм, спорт ӕмӕ фӕсивӕдон политикӕйы фӕдыл комитеты сӕргълӕууӕг Тедеты Бахва.

УФЦ ӕххӕстгӕнӕн комитет ӕртыццӕджы фехъусын кодта, Фабио Капелло кӕй баззайдзӕн УФ футболы иугӕнды сӕйраг тренерӕй. Фӕлӕ цӕдисы къухдариуӕгад нырма ауадздзӕн уӕлӕмхасӕн бадзырдтӕ италиаг специалистимӕ.

"Кӕд Капеллойы исынц йӕ бынатӕй, уӕд уыцы хъуыддаг хъӕуы фӕтагъддӕр кӕнын. Европӕйы чемпионатмӕ бирӕ рӕстӕг нал баззад, афтӕмӕй ӕмбырдгонды уавӕр нырма скъуыддзаг нӕу",— загъта Тедеты Бахва.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Капеллойы хъӕуы баивын, уымӕн ӕмӕ "зындгонд специалисты куыстӕн нӕй ӕвӕрццаг фӕстиуджытӕ".

"Хорз уаид, ӕмбырдгонды сӕргъ куы слӕууид ахӕм специалист, куыд Курбан Бердыев, кӕнӕ Андре Виллаш-Баош. Иууыл хуыздӕр уаид, италиаг футболы ветеран Марчелло Липпийы кандидатурӕ, фӕлӕ хъыгагӕн, уый нал кӕны тренерон куыст", — загъта парламентарий.

Тедеты Бахва лӕууы Хуссар Ирыстоны парламенты туризм, спорт ӕмӕ фӕсивӕдон политикӕйы фӕдыл комитеты сӕргъ. Раздӕр хъазыд Уӕрӕсейы Федерацийы ӕмбырдгонды сконды, уыд сӕйраг архайджытӕй иу. Дзӕуджыхъӕуккаг " Алани"-йы сконды 1995 азы ссис Уӕрӕсейы чемпион, фӕстӕдӕр уыд клубы сӕйраг тренер.

Ног хабӕртты лентӕ
0