Рязаны областы авиашоуйы рӕстӕджы æрхаудта вертолет Ми-28Н

© Sputnik / Кирилл Каллиников /  Ахизын медиабанкмæВерттæхæг Ми-28Н æрхаудта Рязаны областы
Верттæхæг Ми-28Н æрхаудта Рязаны областы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ми-28Н дыууæ тӕхӕгимӕ æрхаудта авиашоуйы рæстæджы. Тæхджытæй иу фæмард. Вертолет ныппырх.

ЦХИНВАЛ, 3 авг — Sputnik. Рязаны областы полигон Дубровичийы 2 августы авиашоуйы уæлдæр пилотажы фигурæ æххæстгæнгæйæ æрхаудта авиакъорд "Беркут"-ы ӕфсæддон вертолет Ми-28Н.

Тæхджытæ катапультæйы руаджы сæхи раппæрстой тæхгæ аппаратæй. Вертолет æнæхъæнæй ныппырх. Тæхджытæй сæ иу фæмард, иннæйы фæхæццæ кæндзысты Вишневскийы номыл цетралон æфсæддон клиникон госпиталмæ.

Зианбаййафæджы эвакуацийы тыххæй Мæскыйы цур аэродром "Чкаловский"-йæ ратахт æфсӕддон вертолет.

"Ми-8 ратахт Рязанмæ, зианбаййафæг штурманы фæхæццæ кæндзысты Красногорскмæ — Вишневскийы номыл цетралон æфсæддон клиникон госпиталмæ"- радзырдта агентады ратæдзæн.

УФ Хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу бахæс кодта Уæлдæфон-космикон тыхты командагæнджытæн, цæмæй вертолет Ми-28Н пилоттæ æрцæуой хорзæзджын.

"Фæстаг секундты онг тæхджытæ архайдтой машинæ аирвæзын кæныныл"-, загъта министр æфсæддон уагдоны къухдариуæгадимæ фембæлды рæстæджы.

Шойгу ма загъта, Ми-28Н-ты тахтытæ урæд кæй ӕрцыдысты, цалынмæ трагедийы аххосæгтæ лæмбынæг нæ басгарой, уæдмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0