Гӕджиты Асланы къорды уӕнгтыл тӕрхонимӕ разы не сты адвокаттӕ

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæГӕджиты Асланы къорды уӕнгтыл тӕрхонимӕ разы не сты адвокаттӕ
Гӕджиты Асланы къорды уӕнгтыл тӕрхонимӕ разы не сты адвокаттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Кавказы зылды ӕфӕдтон тæрхондон уынаффæ рахаста Гæджиты Асланы бандӕйы 6 уӕнгӕн. 9 адæймаджы чи амардта, стæй цалдæр ныббырсты чи сарæзта, уыдонӕн рахастӕуыд 16 аз, науӕд та цӕрӕнбонтӕм ахӕстон фӕбадыны тӕрхон.

Цхинвал, 3 сен — Sputnik. Цæгат Кавказы зылды ӕфсӕддон тæрхондон Гӕджиты Асланы фыдгӕнджыты къорды 6 минӕварӕн стӕрхон кодта 16 азӕй уӕлӕмӕ ахӕстоны фӕбадын. Сӕ адвокаттӕ рахӕсгӕ фӕндоны фӕстӕ фехъусын кодтой, разы кӕй нӕ сты тӕрхоимӕ. Адвокатты ныхӕстӕм гӕсгӕ, тӕрхондон нӕ бахынцыдта, ацы 6 адӕймадж хайад кӕй истой Бесланы теракты сабиты фервӕзын кӕныны хъуыддаджы, хъусын кӕны 15 регион.

"Цæгат Кавказы зылды тæрхондон уынаффæ рахаста, Цæгат Ирыстоны 9 адæймаджы чи амардта, стæй цалдæр ныббырсты чи сарæзта, уыцы фыдгæнджытæн. Тӕрхонмӕ гӕсгӕ уыдон хъуамӕ фӕбадтой карз режимы колонийы. Барадхъахъхъæнæг органты хъусынгæнинагмæ гæсгæ, фыдракæндтæй иу у, Торчынты Аланы зианы рæстæджы адæмы амарын. Уæд фæмард 2 адæймаджы, 2 та фесты цæфтæ", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Адвокаттӕ разы не ‘сты тӕрхондоны уынаффӕйыл ӕмӕ архайдзысты йӕ аивыныл.

"Уголовон хъуыддаджы фигуранттӕ раздӕр ахӕстоны никуы бадтысты, стӕй ма ӕххуыс кодтой къорд "Альфа"-йӕн Беслӕны теракты рӕстӕджы сабиты амынӕтӕй фервӕзын кӕнынӕн — уымӕн ис документалон бӕлвырдгӕнӕнтӕ", — загъта фыдгӕнӕг Тыбылты Артуры адвокат.

Фыдгæнджытæ сты Гæджиты Асланы къордæй. Æдæппæтæй йæ хыгъды ис 50 лæгмарæджы. Сарæзтой 60 фыдракæндæй фылдæр. Сæ къухтæй фӕмард Дзæуджыхъæуы раздæры мэр Хъараты Виталий æмæ республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Пагæты Хъазбег.

Ног хабӕртты лентӕ
0