Хуссар Иры минӕвар Уӕрӕсейы хорзӕхджын ӕрцыд Федерацийы Советы майданӕй

© Sputnik / Ада БагианХуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр
Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дипломат хорзӕхджын ӕрцыд Федерацийы Советы сӕрдар Валентина Матвиенкойы бардзырдмӕ гӕсгӕ Уӕрӕсейы закъондӕттӕн органтимӕ эффективон ӕмгуыстады тыххӕй.

ЦХИНВАЛ, 5 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уӕлвӕткон ӕмӕ ӕххӕстбарджын минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр хорзӕджын ӕрцыд Федерацийы Советы майданӕй, фехъусын кодтой Sputnik Мӕскуыйы хуссарирыстойнаг дипминӕварады пресс-службӕйы.

"Гасситы Знауыр хорзӕхджын ӕрцыд Федерацийы Советы сӕрдар Валентина Матвиенкойы бардзырдмӕ гӕсгӕ Уӕрӕсейы закъондӕттӕн органтимӕ эффективон ӕмгуыстады тыххӕй", — банысан кодтой минӕварады.

Гасситы Знауыр Хуссар Ирыстоны минӕварӕй нысан ӕрцыд 2015 азы июны президент Тыбылты Леониды уынаффӕмӕ гӕсгӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0