ÆУТ-ы къорд ӕрцӕудзӕн Гуырдзымӕ 2008 азы цауты фæдыл фæдæвзарæн куыстытæ ауадзынмӕ

© Sputnik / Лана ПарастаеваАвгуст, 2008 аз. Цхинвал
Август, 2008 аз. Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ÆУТ-ы прокурор Бенсудайы ныхæстæм гæсгæ, уый Гуырдзыстоны хицауадæй ацы процессы фæдыл райста æххæст разыдзинад.

ЦХИНВАЛ, 15 фев — Sputnik. Æхсæнадæмон уголовон тæрхондоны къорд февралы кæрæтты æрцæудзæн Гуырдзыстонмæ 2008 азы æфсæддон конфликты фæдæвзарæны фæлгæтты гуырдзиаг фарсы æрмæджытимæ бакусыны фæдыл, хъусын кӕны РИА Новости Гуырдзыстоны премьер-министр Георгий Квирикашвилийы ныхӕстӕ.

"ÆУТ-ы къорд æрцæудзæн Гуырдзыстонмæ 27 февралы. Кӕй зæгъын æй хъæуы, нæ юстицийы министрад семæ кусдзæн активонæй æмæ сын бавдисдзæн æппæт æнæмæнгхъæуæг информаци. Мах цæттæ стæм, цæмæй сын бавдисæм, Гуырдзыстон цы фæдæвзарæн куыст бакодта этникон "сыгъдæг кæныны" тыххæй, уыцы документаци", — загъта Квирикашвили.

ÆУТ-ы официалон сайт раздæр фехъусын кодта, Тæрхонгæнджыты палатæ 2015 азы 4 декабры кæй райста 6335 куырдиаты конфликты зианбаййафджытæй æмæ сæ минæвæрттæй.

ÆУТ-ы прокурор Бенсудайы ныхæстæм гæсгæ, уый Гуырдзыстоны хицауадæй ацы процессы фæдыл райста æххæст разыдзинад.

РХИ президент Тыбылты Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент: Фату Бенесудайы уынаффæтæ сты мæнг æмæ абсурдон

Раздæр УФ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад фехъусын кодта, Мæскуы ныфс кæй æвæры, æмæ ÆУТ кæй ауадздзæн рæстаг фæдæвзарæн Хуссар Ирыстоны æрцæугæ цауты фæдыл. Уагдоны ма банысан кодтой, Михаил Саакашвилийы режимы фыдракæндтæн æвдисæн кæй сты уæрæсейаг уголовон хъуыддаджы æрмæджытæ, кæцытæй 30 томæй фылдæр бавдыст æрцыд ÆУТ-ы прокуратурæмæ УФ æмæ ÆУТ-ы æхсæн æмгуыстады фæлгæтты.

Уыимӕ иумӕ, Хуссар Ирыстоны дызӕрдыгдзинад равдыстой, ӔУТ раст ӕмӕ объективонӕй кӕй нӕ равзардзӕн 2008 азы хӕстон архайдтытӕ. Президент Тыбылты Леониды нымадмӕ гӕсгӕ, ÆУТ ныртæккæ архайы равдисын, 2008 азы аххосджын кæй уыдысты ирæттæ æмæ Уæрæсе, уымæ гæсгæ ацы организацийы æрдыгæй нæ хъæуы æнхъæлмæ кæсын объективон хатдзæгтæм. Æхсæнадæмон уголовон тæрхондоны прокурор Фату Бенесудайы уынаффæтæ президент схуыдта дывæр стандартты цæвиттон æмæ абсурд.

Ног хабӕртты лентӕ
0