Цӕгат Иры аварийы бахауӕг сомихӕгтӕн бафиддзысты компенсацитӕ

© Sputnik / Алана СабееваПострадавшие в ДТП на трассе Владикавказ-Беслан
Пострадавшие в ДТП на трассе Владикавказ-Беслан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Ирыстоны ФТЦ-ы рӕстӕджы фыдбылызы бахауӕг Сомихстоны ӕмбӕстӕгтӕ компенсацийы хуызы райсдзысты 20 мин доллары.

ЦХИНВАЛ, 27 окт — Sputnik. Сомихстоны хицауад бафиддзӕн компенсацитӕ Беслӕнмӕ ӕввахс бӕлццӕттӕласӕн автобус "Мӕскуы — Ереван"-ы аварийы фӕмардуӕвджыты бинонтӕн ӕмӕ зианбаййафджытӕн, хъусын кӕны Sputnik Армения.

Цӕгат Иры аварийы зианбаййафджытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Иры аварийы зианбаййафджытӕ райсомы трагедийы тыххӕй

Сомисхстоны хицауады уынаффӕмӕ гӕсгӕ, фӕмардуӕвджыты бинонтӕн ӕмӕ зианбаййафджытӕн бакӕндзысты финансон ӕххуыс 10 милуан драмы бӕрц (20 мин доллары).

Алы фӕмардуӕвӕджы бинонтӕ дӕр райсдзысты фӕйнӕ 1,5 милуан драмы (3 000 доллары), рынчындӕтты ӕмӕ уӕлдай уӕззау уавӕры чи ис — 700 000 драмы (1400 доллары), цӕфтӕ чи райста ӕмӕ медицинон ӕххуыс кӕмӕн бакондӕуыд — 200 000 драмы (400 доллары), автобусы иннӕ бӕлццӕттӕн — фӕйнӕ 100 000 драмы (200 доллары).

14 октябры рейсон бӕлццон автобус Мӕскуы — Ереван сӕмбӕлд уӕзласӕн машинӕйыл райсом цыппар сахатмӕ ӕввахс Цӕгат Ирыстоны Рахизфарс районы. Аварийы рӕстӕджы фӕмард сты фондз адӕймаджы, 27 бахаудысты рынчындӕттӕм. Уыдонӕй фондз уыдысты 10-15 азы кары сывӕллӕттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0