Путин: Саакашвили 2008-æм азы хæст йæхæдæг нæ райдыдтаит

© Sputnik / Алексей Никольский /  Ахизын медиабанкмæУФ президент Владимир Путин. Архивон къам
УФ президент Владимир Путин. Архивон къам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейы фæдис сты, 2008 азы августы цаутæ æвдыст куы æрцыдысты зыгъуыммæ æмæ ныгуылæйнаг мыхуыры фæрæзтæ куы фæтындзыдтой Уæрæсейы фæаххосджын кæнын Гуырдзыстонмæ бабырсты

ЦХИНВАЛ, 14 июн — Sputnik. Гуырдзыстоны экс-президент Михаил Саакашвили йæхæдæг нæ бауæндыдаид Хуссар Ирыстонмæ бабырсын, йæ фæстæ куы ничи лæууыдаит, уæд, нымайы УФ президент Владимир Путин.

"Нæ дæн 100% æнæдызæрдыг, исчи йæ кæй сардыдта, басхуыста, науæд та йæ фæстæ кæй лæууыд. Фæлæ мæм афтæ кæсы, йæхæдæг никуы бахастаид йæ ныфс ацы провокацимæ. Мæ хъуыды ахæм у. Ӕмæ йæ, кæй зæгъын хъæуы, уромгæ ничи бакодта", — хъусын кæны РИА Новости уæрæсейаг лидеры ныхæстæ, кæцы радзырдта 2008 азы цауты тыххæй режиссер Оливер Стоунæн йæ интервьюйы.

Президент банысан кодта, Уæрæсейы дисы кæй бахаудысты, Саакашвилийы архæйдтытæ æрмæст растыл нымад кæй не ′рцыдысты, фæлæ ма ныгуылæйнаг мыхуыры фæрæзты фæрцы æвдыст æрцыдысты зыгъуыммæ, зæгъгæ, "Уæрæсе бабырста Гуырдзыстонмæ".

Август 2008, куыд райдыдта хӕст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Август 2008. Афтæ райдыдта хӕст

"Уæд мæхи цæстытæ æмæ хъустыл æууæндгæ дæр нæ бакодтон, куы федтон, бабырсты ныгуылæйнаг мыхуыры фæрæзтæ кæй аххосджын кæнынц Уæрæсейы. Сæйраджыдæр уый уыд, æмæ сæ ныхæстыл милуан адæм кæй баууæндыд. Уымæн æмæ Саакашвили æргомæй загъта, кæй радта бардзырд æфсадæн уыцы акци райдайын", — банысан кодта уæрæсейаг лидер.

Гуырдзыстойнаг ӕфсад райдыдта ӕххӕстмасштабон ӕрбабырст Цхинвалмӕ 2008 азы 8 августы æмбисæхсæвмæ æввахс. Цхинвалы æмæ горæты алыварс хъӕуты Гуырдзыстоны ӕфсад фӕкодта карз ӕхсты бын. Уӕрӕсейаг къухдариуӕгад аскъуыддзаг кодта тугкалд ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ Гуырдзыстоны тыхӕй сабырадмӕ ӕркӕныны операци райдайын.

Ног хабӕртты лентӕ
0