Фадзайты Арсен фехъусын кодта Гасситы Мурæты тохмæ балцæг чи рамбылдта, уыцы авторы ном

Рафыссын
Конкурсы райстой хайад сæдæ адæймагæй фылдæр, сæ иу æрæмбырд кодта иууыл фылдæр лайктæ æмæ ацæудзæн Гасситы Мурæты тохмæ

ЦХИНВАЛ, 26 янв— Sputnik, Козаты Диана. Федерацийы Советы сенатор Цæгат Ирыстонæй, уæгъдибар хъæбысхæстæй дунейы чемпион Фадзайты Арсен йæ аккаунты Instagram цы конкурс расидт, уый рамбылдта @batik77 никимæ пайдагæнæг. Уый æмæ ма уый цы иу адæймаджы равзара, уыдон ацæудзысты æнæаргъæй Гасситы Мурæт æмæ Юниер Дортикосы тохмæ, кæцы уагъд цæудзæн иннæ сабаты Сочийы.

Мурат Гассиев Юниер Дортикос - Sputnik Хуссар Ирыстон
Чи рамбулдзæн Гасситы Мурæт æмæ Юниер Дортикосы æхсæн тохы: профессионалты прогнозтæ

Конкурсы мидис уый мидæг уыд æмæ хъуыд æрхъуыды кæнын цыппаррæнхъон æмдзæвгæ Мурæты тыххæй æмæ йæ ныффысын комментариты Фадзайты Арсены посты бын. Цыппæрæмы сенатор фехъусын кодта уæлахиздзауы ном.

"Конкурс радон хатт равдыста, куыд бирæ курдиатджын адæм нæм ис. Бакастæн æмдзæвгæтæ иууылдæр, фæлæ се хсæн уыйбæрц хорзтæ ис, æмæ дзы мæ бон искæй рахицæн кæнын нæу. Фæлæ рафысджытæ сарæзтой сæ равзæрст æмæ уæлахиздзау ссис @batik77", — ныффыста Фадзайты Арсен йæ Instagram.

ИРОН - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурæты цардвæндаг: чемпионы тыххæй систой киноныв

Йæ ныхæстæм гæсгæ, @batik77 ацæудзæн Сочимæ Гасситы Мурæты тохмæ, фадат ын ис йемæ дыккаг адæймаг акæнын дæр.

@batik77 снывонд кодта ирон чемпионæн ахæм рæнхъытæ:

"Не ′фсмæр Ирон, адæмы хъалгæнæн

Ды дæ Скæсæны ирон хъæбатыр

Мах дæ фæстæ стæм, куыд хохы фæстæ

Зон æй – мах иууылдæр демæ стæм!!!"

Гасситы Мурæт 3 февралы Сочийы Ихын галуан "Большой"-ы аренæйыл фембæлдзæн Ӕппæтдунейон боксерон суперсерийы æрдæгфиналист Юниер Дортикосимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0