Уӕрӕсемӕ ӕрластой фыдгӕнӕджы, кӕцы у аххосджын Дзӕуджыхъӕуы терактты

© Sputnik / Макс Ветров /  Ахизын медиабанкмæӔдасдзинады Федералон службӕйы минӕвар
Ӕдасдзинады Федералон службӕйы минӕвар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Яндиев уыд Шамиль Басаевы бандӕйы сконды, 2006 азы уый сӕххӕст кодта Дзӕуджыхъӕуы цалдӕр теракты, кӕцыты фӕстиуӕгӕн фӕмард бирӕ адӕм

ЦХИНВАЛ, 18 июл — Sputnik. Шамиль Басаевы бандӕйы хайадисӕджы — Аслан Яндиевы, кӕцы 2006 азы сӕххӕст кодта Цӕгат Ирыстоны столицӕйы цалдӕр теракты, — сэкстрадици кодтой Словакийӕ Уӕрӕсемӕ, хъусын кӕны РИА Новости Ӕдасдзинады Федералон службӕйы информаци.

Фӕдагуырдӕй ӕмбӕхсгӕйӕ, 2010 азы Яндиев ацыд фӕсарӕнтӕм мӕнг документтӕй ӕмӕ фӕнд кодта слегализаци кӕнын бирӕ Европейаг бӕстӕты. 2011 азы йӕ ӕрцахстой Словакийы.

"Цӕмӕй йӕ ма сэкстрадици кӕной, уый тыххӕй фыдгӕнӕг авд азы хъаст кодта тӕрхоныл, кӕцымӕ гӕсгӕ йӕ хъуамӕ радтаиккой Уӕрӕсейӕн", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Ӕвдисӕйнӕгты бавдысты фӕстӕ Словакийы тӕрхондон рахаста кӕронбӕттӕнон тӕрхон Яндиевы экстрадицийы фӕдыл. 2018 азы 17 июлы уый сэкстрадици кодтой Словакийӕ Уӕрӕсемӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0