Мӕскуыйы мысыдысты Беслӕны трагедийы амӕттӕгты

© Пресс-служба посольства РЮО в РФ Мӕскуыйы мысыдысты Беслӕны трагедийы амӕттӕгты
Мӕскуыйы мысыдысты Беслӕны трагедийы амӕттӕгты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Траурон мадзӕлттӕ цыдысты Алайнаг кӕрты, Беслӕны теракты амӕттӕгты цырты цур

ЦХИНВАЛ, 3 сен — Sputnik. Хуссарирыстойнаг дипломатон миссийы кусджытӕ Мӕскуыйы хайад райстой траурон мадзӕлтты, кӕцытӕ сты нывонд Беслӕны трагедийы амӕттӕгты мысӕнӕн, хъусын кӕны РХИ минӕварады пресс-службӕ.

Беслӕны амӕттӕгты номарӕн фыдохы мадзал Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ссардтой Беслӕны теракты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

"13.05 сахатыл Мад Майрӕмы аргъуаны цур Алайнаг кӕрты, Беслӕны теракты амӕттӕгты цырты раз ӕрӕмбырдуӕвджытӕ ссардтой амӕттӕгты рухс нӕмттӕ иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ. Уый фӕстӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны ӕххӕстбарджын минӕвар Гасситы Знауыр сӕвӕрдта цыртмӕ венок", — дзырдӕуы хъусинаджы.

2004 азы 1 сентябры беслӕйнаг скъолайы спортивон залы ӕртӕ боны террористтӕ дардтой 1128 амынӕты. 3 сентябры 13.05 сахатыл скъолайы спортивон залы фехъуыст фыццаг бомбӕйы фехӕлд. Фӕмард 334 адӕймаджы, се хсӕнг 186 сывӕллоны, 800 адӕймагӕй фылдӕр та фӕцӕф сты.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0