Керчы колледжы теракты фӕстиуӕгӕн фӕмард сты 18 адӕймаджы

© Sputnik / Catherine Keizo /  Ахизын медиабанкмæКерчы колледжы теракты фӕстиуӕгӕн фӕмард сты 13 адӕймаджы
Керчы колледжы теракты фӕстиуӕгӕн фӕмард сты 13 адӕймаджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Адӕмы мӕлӕты тыххӕй Хъырымы расидтысты фыдохы бонтӕ

ЦХИНВАЛ, 17 окт — Sputnik. Керчы колледжы ӕрцыд рӕмудзӕн ӕрмӕджы фехӕлд, фехъусын кодтой РИА Новости Террористы ныхмӕ националон комитеты.

Рӕмудзӕн ӕрмӕг фехӕлд ӕртыццӕджы бонӕй Керчы политехникон колледжы хӕрӕндоны. Цауы фӕдыл бакодтой уголовон хъуыддаг "Террористон акт".

"Керчы ӕрцыд ӕбӕрӕг рӕмудзӕн ӕрмӕджы фехӕлд. Фӕмард сты 18 адӕймаджы, зиан баййӕфтой ноджы 50", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Цауы фӕстӕ Уӕрӕсейы Федерацийы президент Владимир Путин банхъардта аласын теракты зианбаййафджыты Уӕрӕсейы хуыздӕр рынчындӕттӕм.

Хъырымы расидтысты фыдохы бонтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0