Ӕртæ уæрæсейаг æфсæддоны фæмард сты Абхазы БТР афæлдæхты фæстиуæгæн

© Sputnik / Валерий Мельников /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг æфсæддон базæ
Уæрæсейаг æфсæддон базæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бæллæх æрцыд фæндаджы вазыгджын фадыджы

ЦХИНВАЛ, 21 янв — Sputnik. Абхазы æртæ адæймаджы фæмард сты, дыууæйæ та райстой цæфтæ, БТР-80 коммæ кæй ахауд, уый фæстиуæгæн, хъусын кæны РИА Новости Хуссар æфсæддон зылды информаци.

Бæллæх æрцыд фæндаджы вазыгджын фадыджы, уæрæсейаг æфсæддон техникæйы колоннæ хæххон полигон "Цабал"-æй дислокацийы бынатмæ куы фæцæй цыд, уæд.

Цауы фæдыл бакодтой уголовон хъуыддаг. Зылды къамис сгары цалдæр версийы, сæ иу - бронетранспорты техникон хъæндзинæдтæ, аннæ та - шофыр не сырæхст скъæрын.

Ног хабӕртты лентӕ
0