Google клавиатурӕ баххӕст кодтой ирон ӕвзагӕй

© Sputnik / Наталья АйриянGoogle ирон клавиатурӕ
Google ирон клавиатурӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Gboard-ы фӕзынд Уӕрӕсейы 25 ӕвзаджы – уый у фылдӕр ӕндӕр виртуалон калвитурӕтӕм абаргӕйӕ

ЦХИНВАЛ, 19 авг - Sputnik. Google клавитурӕ Gboard-ы ныр ис ирон ӕвзаг дӕр, уый тыххӕй фехъусын кодтой компанийы официалон блогы. Ныртӕккӕ клавиатурӕйы ис 400 ӕвзаг ӕмӕ диалектӕй фылдӕр.

Ирон чиныг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон мобилон æмхасæнты автор райста грант фæсивæдон форум "Машук"-ы

Уӕрӕсейы 25 ӕвзагӕй гӕнӕн ис пайда кӕнын Google клавиатурӕтыл Android техникӕйыл.

"Уӕрӕсейы бирӕ ӕвзӕгты пайда кӕнынц уӕлӕмхасӕн символтӕй, кӕцытӕ нӕй стандартон дамгъуаты. Афтӕ ма дзы ис цалдӕр функци, кӕцытӕ ӕнцондӕр кодтой текст фыссын – рӕдыдтытӕ автоматон сраст кӕнын. Ацы функцитӕ дӕр нӕ куыстой ацы ӕвзӕгтӕн", - банысан кодта программӕйы техникон менеджер Даан ван Эш.

Клавиатурӕмӕ бахастой ахӕм ӕвзӕгтӕ, куыд бурятон, талышон, ирон ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0