Абхазы ЦӔК фехъусын кодта ӕвзӕрстыты фыццаг туры фӕстаг фӕстиуджытӕ

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæАбхазы ЦӔК фехъусын кодта ӕвзӕрстыты фыццаг туры фӕстаг фӕстиуджытӕ
Абхазы ЦӔК фехъусын кодта ӕвзӕрстыты фыццаг туры фӕстаг фӕстиуджытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Абхазы презденты ӕвзӕрстытӕ ацыдысты хуыцаубоны, 25 августы

ЦХИНВАЛ, 28 авг — Sputnik. Фӕстаг фӕстиуджытӕм гӕсгӕ, кӕцытӕ фехъусын кодта Абхазы Централон ӕвзарӕн къамис (ЦӔК) дыццӕджы, президентон ӕвзӕрстыты дыккаг турмӕ ахызт республикӕйы ныры президент Рауль Хаджимба (24,83%) ӕмӕ оппозицион парти "Амцахара"-йы лидер Алхас Квициния (22,91%), хъусын кӕны Sputnik Абхаз.

 Абхазы ӕвзӕрстытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир арвитдзӕн цӕстдарджыты Абхазы президенты ӕвзӕрстытӕм

"Мах райстам фӕстиуджытӕ, се хсӕн документтӕ Мӕскуы, Черкесск ӕмӕ Турчы фадгуытӕй. Развӕлгъау фӕстиуджытӕ расидыны рӕстӕджы ӕрцыд бӕрӕггӕнӕнты техникон фехӕлд, кӕцы нӕ бандӕвта кандидатты фӕстиуджытыл", - загъта ЦӔК сӕрдар Тамаз Гогия.

Уый бафтыдта, кӕронбӕттӕн багӕрст кӕй нӕ фӕивта ӕвзӕрстыты фӕстиуджытӕ.

"Ӕвзарджыты номхыгъдмӕ кӕй бахастой, уыцы ӕмбӕстӕгты нымӕц у 126, 950 адӕймаджы, сӕйраг номхыгъд у 117, 776 адӕймаджы. Уӕлӕмхасӕн номхыгъдтӕм бахастой 9174 ӕвзарӕджы, ӕмбӕсгты нымӕц, кӕцытӕ хайад райстой хъӕлӕсдӕттыны – 82753 адӕймаджы", - загъта Гогия.

Бюллетеньты нымӕц, кӕцыты схъӕлӕс кодтой алкӕцы кандидаты ныхмӕ дӕр у 1666, 4693 бюллетены банымадтой ӕнӕхъомысыл. Хъӕлӕсдӕттыны хайад райстой ӕвзарджыты 65,18 проценты.

Абхазы президенты ӕвзӕрстытӕ ацыдысты хуыцаубоны, 25 августы. Фыццаг туры уӕлахиздзауы не сбӕрӕг кодтой, ӕмӕ уый фӕдыл 8 сентябры республикӕйы ногӕй ацӕудзӕн хъӕлӕсдӕттын. Куыд ӕхсӕнадӕмон цӕстдарджытӕ, афтӕ ӕвзӕрстыты хайад райста Хуссар Ирыстоны делегаци дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0