Ираны ӕрхауд украинӕйаг пассажирон хӕдтӕхӕг

© AFP 2022 / -Ираны ӕрхаудта украинаг пассажирон хӕдтӕхӕг
Ираны ӕрхаудта украинаг пассажирон хӕдтӕхӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Украинӕйаг хӕдтӕхӕджы пассажиртӕй ничи фервӕзт, фехъусын кодта Ираны уӕлвӕткон уавӕрты хайады директор

ЦХИНВАЛ, 8 янв — Sputnik. Ираны столицӕйы ӕрхаудта украинӕйаг хӕдтӕхӕг 167 пассажиримӕ. Ӕвирхъау цау ӕрцыд Имам Хомейнийы номыл аэропорты цур, хъусын кӕны РИА Новости Ираны авиацийы министрады минӕвар Джаафар Задейыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.

Ираны уӕлвӕткон уавӕрты хайады директор куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй, хӕдтӕхӕджы пассажиртӕй ничи фервӕзт.

Аэропорты официалон минӕвар фехъусын кодта, катастрофӕйы аххосаг кӕй уыд авиалайнеры змӕлынгӕнӕджы ссыгъд.

​Уӕрӕсейы минӕварад Тегераны бӕрӕг кӕны,  уыдысты хӕдтӕхӕгыл уӕрӕсейӕгтӕ ӕви нӕ.

Портал Flight Radar куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй украинӕйаг Boeing 737-800 ратахт Тегеранӕй 5.42 сахатыл ӕмӕ уайтагъд ӕрхаудта.

Ног хабӕртты лентӕ
0