Путин: мады капитал ныр фиддзысты фыццаг сывæллонæн дæр

© Sputnik / Константин Михальчевский /  Ахизын медиабанкмæПутин: мады капитал ныр фиддзысты фыццаг сывæллонæн дæр
Путин: мады капитал ныр фиддзысты фыццаг сывæллонæн дæр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
УФ президент æртыццæджы арвыста йæ сидт Федералон æмбырдмæ бæстæйы уавæр æмæ æввахс азмæ йæ мидæггогон æмæ æддагон политикæйы сæйраг здæхтыты тыххæй

ЦХИНВАЛ, 15 янв — Sputnik. Уæрæсейы 2020 азы январæй мады капитал райсæн уыдзæн фыццаг сывæллонæн дæр, фехъусын кодта бæстæйы президент Владимир Путин æртыццæджы йæ сидты Федералон æмбырдмæ.

Быценты бинонтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хæдтулгæ мады капиталæй: Цæгат Иры парламент æркаст капитал райсыны ног фадæттæм

"Мах æнæмæнгæй хъæуы æвзонг адæмы фарсмæ балæууын, бинонтыцард чи райдыдта, уыдоны... сабитæм чи бæллы. Уый фæдыл мæ фæнды банхъарын ног баххæстгæнинæгтæ мады капиталмæ, кæцытæ сæ тыхы бацæудзысты 2020 азы фыццаг январæй. Нырæй фæстæмæ фыццаг сывæллонæн дæр дæтдзысты мады капитал", - загъта уæрæсейаг лидер.

Президент зæрдыл æрлæууын кодта, 2020 азы январæй фæстæмæ мады капитал кæй у 466 мины 617 сомы.

Уымæй дарддæр ма Путин банхъардта фæфылдæр кæнын капитал дыккаг сывæллоны райгуырдæй ноджы 150 мин сомы æмæ йæ стæй æрвылаз дæр индексаци кæнын. Уый адыл дыккаг сивæллонимæ мады капиталы аргъ суыдзæн 616 мины 617 сомы.

УФ президент æртыццæджы арвыста йæ сидт Федералон æмбырдмæ бæстæйы уавæр æмæ æввахс азмæ йæ мидæггогон æмæ æддагон политикæйы сæйраг здæхтыты тыххæй. Мадзал ацыд мæскуыйаг Манежы, хуынд æмæ æрцыдысты 1300 уазæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0