Абхазы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй фыццаг фӕрынчынуӕвӕджы

© SputnikАбхазы милици
Абхазы милици  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, республикӕйы Галы районы сылгоймагӕн, кӕцы 29 марты ӕрцыд Мӕскуыйӕ ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ аластой зугдидаг клиникӕмӕ, сбӕрӕг кодтой коронавирус

ЦХИНВАЛ, 31 мар — Sputnik. Абхазы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй фыццаг фӕрынчынувӕджы, хъусын кӕны Sputnik Абхаз, коронавирусон инфекцийӕ цӕрджыты бахъахъхъӕныны фӕдыл Координацион штабы уӕнг, парламенты депутат Алхас Джинджолияйыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.

COVID-19 сбӕрӕг кодтой республикӕйы Галы районы цӕрӕг сылгоймагӕн, кӕцы 29 марты ӕрыздӕхт Мӕскуыйӕ. Фӕндагыл уый йӕхи ӕвзӕр хатын райдыдта ӕмӕ бацыд хъӕуы рынчындонмӕ, кӕцы ис ИнгурГЭС-ы дӕлбар.

Карантин шофыртæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Карантин шофыртæн: Хуссар Ирмæ хæлцад ласджытæ дыууæ къуыри уыдзысты хъусдарды бын

"Медицинон уагдоны сбарстой сылгоймаджы температурӕ ӕмӕ куы федтой, 38 градусӕй фылдӕр кӕй у, уӕд аскъуыддзаг кодтой аласын рынчыны Гуырдзыстоны территоримӕ. Нӕ хӕдтулгӕтӕ Гуырдзыстонмӕ нӕ цӕуынц, ИнгурГЭС-ы кусджытӕ фӕдзырдтой Гуырдзыстоны тагъд ӕххуысмӕ, уырдыгӕй ӕрцыд инфекцион бригадӕ. Сылгоймаг фондз метры къахӕй ахызт арӕны уылты, ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ аластой хӕдтулгӕйыл. Ацы цау ӕрцыд знон ӕхсӕвы", - фехъусын кодтой Галы районон рынчындоны сӕйраг дохтыр Георгий Шония.

Профилон органтӕ ныридӕгӕн сбӕрӕг кодтой адӕмы, кӕцытимӕ контакт кодта сылгоймаг. Псоуы постыл чи лӕууыд 29 марты, уыдон арвыстой хисӕрмагонд изоляцимӕ.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Дунейы вирусӕй ныридӕгӕн фӕрынчын сты 786 мин адӕймаджы 178 бӕстӕйы, сӕ фылдӕр хайӕн схос кодтой, 37 мин адӕймагӕй фылдӕр фӕмард сты.

Ног хабӕртты лентӕ
0